settings icon
share icon
Фарст

Мён уырны Йесо. Ёмё цы ныр?

Дзуапп


Арфё уын кёнын! Сымах райстат ахсджиаг уынаффё! Ёвёццёгён уём фёзындзён фарст: “Ёмё цы ныр? Куыд райдайдзён мё цыд Хуыцауырдём?”. Фондз къахдзёф ис акёнинаг, кёцы дёлдёр ис лёвёрд ёмё ацы къахдзёфтё дёу раст фёндагыл бафтаудзысты. Кёд уём исты фарстытё фёзынд, уёд уё курёг дён ёмё бацёуат www.GotQuestions.org/Ossetian.



1. Фидарёй уё бауырныдта, цёмёй сымах ёцёгёйдёр ахъуыды кодтат, кёд ёмё цёй мидёг ис ирвёзт.

1Иоанн 5:13 нын зёгъы: “Ацы ныхёстё ныффыстон сымахмё, Хуыцауы Фыртыл ёууёндджытём, мыггагмёйы цард уын кёй ис, уый куыд зонат, афтё ”. Хуыцауы фёнды, цёмёй мах ахъуыды кёнём, кёд ёмё цёй мидёг ис ирвёзт. Хуыцауы фёнды, цёмёй мах зонём ёмё кёй фервёздзыстём. Цыбыртёй, ёркёсём фервёзыны сёйраг хъуыдымё:

(а). Уымён ёмё сеппёт дёр бафтыдысты тёригъёды ёмё Хуыцауы намысёй ёнёхай сты (Ромёгтём 3:23)

(б). Уымён ёмё тёригъёдён йё мызд у мёлёт, Хуыцауы лёвар та – мыггагмёйы цард нё Хицау Йесо Чырыстиимё удёнгомёй (Ромёгтём 6:23).

(г). Йесо дзуарылтыгъдёй амард нё тёригъёдты бафидыны тыххёй (Ромёгтём 5:8; 2Коринфёгтём 5:21). Йесо зёххы цъарыл амарди; Уый махён не фхёрд йёхимё айста. Йё райгас бёлвырд кёны, цёмёй Йесойы мёлёт фаг разынд нё тёригъёдтё бафидынён.

(д). Хуыцау афтё бауарзта дуне, ёмё радта Йё Иунёг Фырты, цёмёй Йыл чидёриддёр ёууёнды, уый ма фесёфа, фёлё йын уа мыггагмёйы цард; сраст стём уырнындзинады руаджы, ёмё нё Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимё; Йесо Чырыстиимё чи ис, уыдон тёрхонгонд никуы уыдзысты (Иоанн 3:16; Ромёгтём 5:1; Ромёгтём 8:1)

Ай у фервёзты гёххётт (документ)! Кёд дё уырны Йесо, куыд дё ирвёзынгёнёг, ды ирвёзт дё! Дё алы тёригъёд хатыргонд у ёмё дын Хуыцау ныфс ёвёры, цёмёй дё никёд бон ныууаддзён иунёгёй (Ромёгтём 8:38-39; Матфей 28:20). Бахъуыды кён, дё фервёзт Йесо Чырыстийы мидёг ис (Иоаан 10:28-29). Кёд ёмё ды райсдзынё Йесойы уынындзинад, куыд дё ирвёзынгёнёг, уёд дё уырнёд, цёмёй ёнусон цард Хуыцауимё Уёларвы арвитдзёнё!

2. Хорз аргъуан ссар, цыран библийы ахуыр кёныц.

Ма хон аргъуаны, куыд бёстыхай. Аргъуан у адём. Нысаниуёгджын у уый, ёмё Чырыстийы фёдонтё кёрёдзиимё хёлар уыдысты. Аргъуаны сёйраг нысаниуёг дёр уый мидёг ис. Куыддёр ды райсай Чырыстийы уырнындзинад, мах дё саминди кёндзыстём, цёмёй ссарат Библийы фёдоны аргъуан ёмё аныхёстё кёнат сауджынимё. Зёгъдзыстут уымён, цёмёй сымах райстат Йесойы уырнындзинад.

Аргъуаны дыккаг нысан та у Библийы ахуыр кёнын. Сымах базондзыстут, кёд ёмё куыд спайда кёнат Хуыцауы амындтытё уё царды мидёг. Библийы бамбарын у дёгъёл ёнтыстджын ёмё тыхджын чырыстон царды. Тимофеймё (дыккаг) 3:16-17 зёгъы: “Ёппёт Сыгъдёг Фыст Хуыцауёй разёнгаргондёй ныффыстёуыд, ёмё ахъаз у ахуырён, багёды кёнынён, раст фёндагмё раздахынён, Хуыцауён фёндиагёй цёрыныл хъомыл кёнынён, Хуыцауы адёймаг алы хуызы ифтонг ёмё алы хорз хъуыддагмё дёр цёттё куыд уа, афтё”.

Аргъуаны ёртыккаг нысан у табу кёнын (кувын). Табу кёнынёй мах бузныг зёгъём Хуыцауён йё алы хъуыддаджы тыххёй! Хуыцау нё фервёзын кодта. Хуыцау мах уарзы. Хуыцау мах сёраппонд ёфхёрд цёуы. Хуыцау нё раст фёндагыл ёфтауы. Куыд нё йын хъуамё зёгъём Уымён бузныг? Хуыцау Сыгъдёг у, раст, уарзёгой, хёлар ёмё тёригъёдгёнаг. Ёргомад нын зёгъы: “Ды намысы ёмё кады аккаг дё, нё тыхджын Хицау ёмё нё Хуыцау, уымён ёмё ёппёт дёр Ды сфёлдыстай, ёппёт дёр сфёлдыстёуыд ёмё ёппёт дёр цёры Дё фёндонмё гёсгё”.

3. Рахицён кён Хуыцауён ёрвыл бон рёстёг.

Махён иттёг ахсджиаг у ёрвылбон рахицён кёнём Хуыцауён рёстёг. Иуёй-иутё ацы рёстёджы хоны “Сабыр дуг”. Иннётё – “Дины фётк”, уымён ёмё уыцы рёстёг мах нёхи Хуыцауён фёдзёхсём. Иутён хуыздёр у райсомёй, иннётён – изёры, амён ницы нысаниуёг ис, кёд ёй сёххёст кёндзынё. Нысаниуёгджын у, уый ёмё ёрвылбон дёр рахицён кёнём рёстёг Хуыцауён. Цы бёрёг кёны Хуыцауён рёстёджы дёттын?

(а). Кувын. Куывдёй мах ныхас кёнём Хуыцауимё. Дзурём ын нё тыхстдзинады тыххёй кёнё нё проблемётыл. Курём Хуыцауёй цёмёй нын къухдариуёггёнёг ёмё амонёг уа. Дзурём Хуыцауён куыд ёй уарзём уый ёмё йын алцёмёндёр куыд аргъ кёнём, цыдёриддёр Уый мах тыххёй аразы. Ай у ёппётдёр Кувын.

(б). Библийы кёсын. Аргъуаны ёви хуыцаубонон скъолайы Библийы ахуыримё иумё, мах нёхёдёг дёр хъуамё кёсём Сыгъдёг Фыст. Библи у алцыппёт, кёцы мах хъуамё зонём уый тыххёй, цёмёй фёцёрём ёнтыстджын чырыстоны цардёй. Уыдон сты Хуыцауы амындтытё, кёд ёмё куыд райсём зондджын уынаффётё.

Библи махён Хуыцауы ныхас у. Библи Хуыцауы ахуыргёнён чиныг у, амоны куыд фёцёрём Хуыцауён ёхцон ёмё нёхицён зёрдёмёдзёугё цардёй.

4. Схёлар у уыцы адёймёгтимё, кёцытё дын удон ёххуыс бакёндзысты.

Коринфёгтём (фыццаг) 15:33 нын зёгъы: “Ма фёсайды ут: ёвзёр ёмбёлттё хорз миниуджытё сафёг сты”. Библи нё арёх фёдзёхсы, цёмёй “ёвзёр” адёмы ахаст цас стыр ёндёвдад ёвдисы махыл. Ахём адёймёгты хсён рёстёг ёрвитын, кёцытё тёригъёды цёуынц, мах дёр аминди кёнынц тёригъёд саразынмё. Сё архайд махыл фёзыны. Ай тыххёй иттёг нысаниуёгджын у нё алфёмблай ёрбамбырд кёнём ахём адёмы, кёцытё уарзынц Хуыцау ёмё лёггад кёнынц уымён.

Бафёлварут ёмё ссарат иу-дыууё ёмбалы, фёнды аргъуанёй, кёцытё дын баххуыс кёндзысты (Дзуттёгтём 3:13; 10:24). Балёгъстё кён де мбёлттён, ём дын баххуыс кёной, цёмёй дёхи хорз ёнкъарай дё ахастёй, бафёрс сё, кёд дёуён дё бон суыдзён ёнгёс саразын уыдонён. Дарддёр кён ёмгардзинад семё ёмё сё уарз. Ракур Хуыцауёй, цёмёй дын радта фёрёздзинад зёгъай де мбёлттён Йесо Чырыстийы уырнындзинады тыххёй.

5. Дёхи саргъауын кён.

Бирё адёймаг рёдийы аргъауыны предметы фёдыл. Дзырд “Аргъауын” нысан кёны донмё ныххизын. Донёй аргъауын библион фёндаг у, ёхсёнады раз зёгъай дё уырнындзинады фёдыл Чырыстимё. Донмё ауадзыны ритуал ёвдисы Чырыстиимё иумё ныгёды предмет. Донёй схизын та Чырыстийы райгас нысан кёны. Уёдё аргъауыны рёстёг мах амардыстём ёмё ныгёд ёрцыдыстём Йемё, цёмёй Чырысти Йё Фыды намысджын хъаруйё мёрдтёй куыд райгас, афтё мах дёр райгас уём ёмё цёрём ног цардёй (Ромёгтём 6:3-4).

Аргъуыд уё нё фервёзын кёндзён. Аргъуыд нё аиуварс кёндзён сымахён уё тёригъёдтё. Аргъуыд у хуымётёджы къахдзёф коммёгёсдзинады, ёхсёнады нё уырнындзинады равдисынён Чырыстимё. Аргъуыд уын сёрыстырдзинад у, уымён ёмё коммёгёсдзинады ёмё ёхсёнады Чырыстийы уырнындзинады ёвдисёг къахдзёф у. Кёд цёттё стут саргъауынмё, сауджынимё хъуамё баныхас кёнат.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

Мён уырны Йесо. Ёмё цы ныр?
© Copyright Got Questions Ministries