settings icon
share icon
Фарст

ис ёви нё Хуыцау? Ис ёви нё Хуыцауы уёвынады бёлвырдгёнён гёххётт?

Дзуапп


ис ёви нё Хуыцау? Цымыдисаг у, ёмё ацы фарст кёй у стыр дайуаг темё. Фёстаг иртасёнтё куыд равдыстой, уымё гёсгё дунейы мидёг цёрёг адёймёгты 90%-ы уырны Хуыцау кёнё уёлдёр цёстёнгасы уёвынад. Фёлё, ацы бёрндзинад ёхгёд у уыцы адёймёгтён, кёцыты уырны, цёмёй Хуыцау ёцёгёйдёр ис ёмё амёй бёлвырд цёуы, йё уёвынад. Мё хъуыдымё гёсгё, уый ёндёрхуызон хъуамё бёлвырдгонд ёрцёуа.

Амё нёкёсгёйё, Хуыцауы уёвынад нёдёр бёлвырд ёрцёудзён ёмё нёдёр йё аппарын нё бон суыдзён. Библи нын дзуры, цёмёй Хуыцауы уёвынады фактмё мах хъуамё уырнындзинадимё кёсём: “Ёнёуырнындзинадёй та Хуыцауы зёрдёйён балхёнён нёй. Хуыцаумё ёрцёуёг хъуамё ёууёнда, Хуыцау кёй ис ёмё йё чи агуры, уыдонён хорзёх кёй дётты, ууыл” (Дзуттёгтём 11:6 ). Хуыцауы куы фёндыдаид, уёд уый йёхи равдыстаид ёмё ёппёт дунейён сбёлвырд кодтаид, Йё уёвынады. Фёлё уый афтё куы сарёзтаид, уёд уырнындзинад хъёугё нал уыдаид. “Сымах та Сыгъдёг схайджын кодта Йё Удёй, ёмё уеппёт дёр зонут ёцёгад. Хуыцау раст Хуыцау кёй у, кёд иугёр уый зонут, уёд алы рёстгёнёг дёр Уымёй кёй райгуырд, уый дёр хъуамё зонат” (Иоанн 20:29).

Фёлё, ай уый нё нысан кёны, цёмёй Хуыцауы уёвынады бёлвырдгёнён документ нёй. Библи амоны “Хуыцауы бафёндыд, уыцы сусёгдзинады ёппёт адёмтён цы хёзна ис, уый Йё сыгъдёджытён равдисын. Уыцы сусёгдзинад у, Чырысти уё зёрдёты кёй цёры ёмё Йё фёрцы Хуыцауы намысёй хай райсыныл уё зёрдё кёй дарут, уый”. (Псалом 18:2-5), “Мах куы кёсём стъалытём, хъуыды кёнём дунейы стырадыл, ёрдзыхъёды диссёгтё уынём ёмё йын йё рёсугъддзинадмё кёсём – ай алцыппётдёр нын сфёлдисёг Хуыцауырдём амоны. Уый кёд фаг нёу, Хуыцауы уёвынады бёлвырдгёнён мах зёрдёты ис.

Экклезиаст нын зёгъы: “... ёмё алкёмёндёр радтёт мыггагмёйы зёрдё уыдонён...” нё зёрдёйы мидёг цыдёр ис ахём, кёцы нын уырнын кёны, кёй ис цыдёр, кёцы ацы царды ёмё ацы дунейё ёддёмё дёр хизы. Интеллектонёй мах гёнён ис нё зёгъём ацы ёмбарынадыл. Фёлё Хуыцауы уёвынад мах ёмё нё алфёмблайы цёры. Ёппёт амё нёкёсгёйё, Библи мах фёдзёхсы, цёмёй иуёй-иутё гёнён ис ёмё та дзурой Хуыцауы нёуёвынадыл”. (Псалом 13:1). Кёд историйы уёвынады дёргъы, алы культурёйы, алы цивилизацийы, алы континентыл адёймёгты 98%-ы уырны, цёмёй кёй ис Уёларвон тых – уёдё ис цыдёр (кёнё чидёр), кёцы уый сиды.

Хуыцауы уёвынады библион аргументтимё уёлёмхасёй ис логикон бындуртё дёр. Фыццаг рады, ис антологион аргументтё. Антологион аргументтёй, алкёмёй парахатдёр мидис ёнцой кёны Хуыцауы концепцийыл, уый уёвынады бёлвырд кёнынён. Йе ‘мбарын кёнын райдайы уымёй, “ёмё нёй гёнён ноджыма стырдёр исты ёнкъарён”. Ис ныхмёлёууёг хъуыды, цёмёй уёвынад бирё стырдёр у ёнёуёвынадёй ёмё уымё гёсгёйё, алцёмёй нысаниуёгджындёр, цёмёндёриддёр гёнён ис ёрхъуыды кёнын хъуамё уа. Хуыцау куы нё уаид, уый нё уыдаид алкёмёй уёлдёр, нысаниуёгджын – уый та ныхмё лёууы Хуыцауы бёрёггёнёнмё.

Дыккаг бындур у теологион аргумент. Теологион аргумент ис уый мидёг, ёмё кёд дуне ахём диссаг у, ёнёмёнгёй йын хъуамё уа уёларвон сфёлдисёг дёр. Цёвиттонён, зёхх хурёй иуцалдёр милёй ёввахс кёнё дарддёр куы уыдаид, уёд уый нё бахъахъхъёдтаид ныртёккёйы царды хуызён. Нё атмосферёйы элементтё цалдёр процентёй хицён куы уыдаиккой, зёххы цъарыл алы цёрёг уд амардаит. Урсёджы молекулёйы арёзты нымёц ёмбёр у 1-мё 10243-ы (кёнё та, 10 – 2430-ы). Иу клеткё та конд у милуан ёмё фылдёр урсёджы молекулётёй.

Хуыцауы уёвынады ёртыккаг, логикон аргумент хуыйны космологикон аргумент. Дуне ёмё ёндёр иннётё сты фёстиуёг. Хъуамё уа аххосаг, кёцы расайдта ацы ёппёты уёвынад. Фёстагон хатдзёджы, хъуамё уаид исты ахём “фыццаг аххосаг” кёцы ёдзухёй ис уый, ёмё кёцы расайдта ацы ёппёты сырёзт. Ацы ёдзухон ёмё “фыццаг аххосаг” цыдёр у, Хуыцау.

Цыппёрём аргумент зындгонд у, куыд моралон барст. Историйы дёргъы уёвын алы культурёйён дёр цавёдёр закъоны ёнгёс ис. Алкёмёндёр ис хорз ёмё ёвзёры равзарыны миниуёг. Искёй амарын, афёливын, радавын ёмё ёнёгъдау уагахаст алыран ёмё алкёмён дёр бафауинаг ёмбарынад у. Кёцёй цёуы хорз ёмё ёвзёр рахатыны нысаниуёг, кёд ёмё Хуыцауён йёхицёй нё?

Ёппёт амё нёкёсгёйё, нын Библи дзуры, цёмёй адёймёгтё “нё” кёнынц Сыгъдёг ёмё ёргом уёвёг Хуыцаумё ёмё уый ныхмё уырнын кёнынц мёнгдзинад. Ромёгтём 1:25: “Уыдон Хуыцауы ёцёгад баивтой мёнгдзинадёй, кувынц ёмё кусынц, кёй сфёлдыстёуыд, уыдонён, Сфёлдисёгён та нё кувынц – Уый арфёгонд уёд мыггагмё! Оммен”. Библи ма ноджы сиды, цёмёй адёймёгтён хатыр нё уыдзён Хуыцауы “нё” кёнын, “Ёмё сёхи ницёмёй сраст кёндзысты, уымён ёмё цёстёй фенён кёмён нёй, Хуыцауы уыцы мыггагмёйы тых ёмё Йё ёрдзыхъёд дуне сфёлдисынёй фёстёмё бёлвырд сты, Хуыцау цы сфёлдыста, уыдёттыл куы хъуыды кёнай, уёд” (Ромёгтём 1:20).

Адёймёгтё ахуыр сты ма нымайой Хуыцауы, уымён ёмё уый нёу “зонадонёй фидаргонд” кёнё “ нёй йын бёлвырдгёнён гёххётт”. Ёцёг аххоссаг та ис уый мидёг, ёмё куыддёриддёр адёймёгтё нымайын райдайой Хуыцауы, афтё уыдон хъуамё ахъуыды кёной, цёмёй уыдон бёрндзинад кёй исынц сёхимё Хуыцауы раз ёмё сё хъёуы Хуыцауы хатырдзинад. (Ромёгтём 3:23, 6:23). Кёд ёмё Хуыцау ис, Йё разы мах хъуамё дзуапп дёттём нё уагахасты тыххёй. Хуыцауы уёвынады “нё”кёныны рдём агрессивон ахасты фактытё бёлвырд кёнынц Йё уёвынад.

Бар мын радтут, фёстаг аргумент ёрхёссон Хуыцауы уёвынады пайдайён. Кёцёй йё зонын, ёмё Хуыцау ис? Ёз ёй зонын, ёмё Хуыцау кёй ис, уымён ёмё ёз ёрвылбон Йемё ныхас кёнын. Мемё ныхасёй йын йё ныхас хъусгё нё кёнын, фёлё йын ёнкъарын йе ‘ххуыс, ёз хатын, ёмё уый мён хъахъхъёны, ёз ын зонын йё уарзондзинады тых, мён фёнды ёмё йын райсон йё арфё. Мё царды ёрцыд ахём цаутё, кёцытё ёнё Хуыцауы ёххуысёй ёцёгёйдёр не рцыдаиккой. Хуыцау мё диссаджы хуызы фервёзын кодта ёмё мын мё цард афтё фёивта, ёмё мёнён мё бон нёу ма йё нымайон ёмё йыл ма ууёндон ууыл.

Ацы аргументтёй нёдёр иуён йёбон у бауырнын кёна адёймаг, кёцы “нё” кёны уый, кёцы афтё ёргомёй у. Фёстагмё та зёгъдзынён, цёмёй Хуыцауы уёвынад уырнындзинадимё хъуамё райсём (Дзуттёгтём 11:6). Хуыцауы уырнынад нёу талынджы куырмёй цёуын, ай у ёдас къахдзёф хорз райдзаст уатмё, цыран адёймёгты 90% ныртёккё ис.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

ис ёви нё Хуыцау? Ис ёви нё Хуыцауы уёвынады бёлвырдгёнён гёххётт?
© Copyright Got Questions Ministries