settings icon
share icon
Фарст

Цы у ирвёзён фёндаг?

Дзуапп


ёххормаг дын у? Физиконёй нё, фёлё царды мидёг ноджы фылдёр исты дёу фёнды? Дё царды мидёг ёнёрайгонддзинады ёнкъарён исты ис? Кёд уый афтё у, уёд Йесо у ирвёзён фёндаг! Йесо сын загъта: “Ёз дён царды дзул. Мёнмё ёрцёуёг нал сыстонг уыдзён, ёмё Мёныл ёууёндёг мыггагмё дёр нал сдойны уыдзён” (Иоанн 6:35).

Бёллёхы дё? Царды фёндаг кёнё нысан дын нёй? Цыма чидёр рухс ахуыссын кодта ёмё йё чи ссудза уый нё уарын. Кёд уый афтё у, уёд Йесо у ирвёзён фёндаг! Йесо дарддёр дзырдта адёмён: “Ёз дунейён рухс дён. Мё фёдыл чи рацёуа, уый талынджы нё цёрдзён, фёлё йём уыдзён царды рухс ” (Иоанн 8:12).

Искуы дёхи царды иппёрдёй рахатыдтё? Бирёты къёсёрмё бацыдтё, фёлё уым разынд афтид ёмё ницёйаг алфёмбылай. Ёххёст цардмё агурыс бацёуёны? Кёд уый афтё у, уёд Йесо у ирвёзён фёндаг! Йесо дзырдта адёмён: “Ёз дён дуар. Мёныл йё фёндаг кёмён уа, уый фервёздзён – бацёудзён, рацёудзён ёмё ссардзён хизёнуат” (Иоанн 10:9).

Адёймёгтё дё джиз дарынц? Дё ёмахастытё афтид ёмё уёлёнгай сты? Цыма алкёй дёр дёуёй пайда райсын фёнды. Кёд уый афтё у, уёд Йесо у ирвёзён фёндаг! Йесо дзырдта адёмён: “ Ёз дён хорз фыййау; хорз фыййау йё цард радты фысты сёраппонд... Ёз дён хорз фыййау, Ёз зонын Мё фысты, Мё фыстё дёр Мё зонынц”(Иоанн 10:11,14).

Цымыдис дё кёны цы уыдзён цёрёнбоны фёстё? Бафёладтё цёрынёй , кёцы ёрмёст ёмбийы ёмё хёлы? Цёрёнбоны мидис фесёфт. Фёнды дё, цёмёй мёлёты фёстё дёр цёрай? Кёд уый афтё у, уёд Йесо у ирвёзён фёндаг! Йесо дзырдта адёмён: “Ёз дён мёрдтёй ёгасгёнёг ёмё царддёттёг, мёныл чи ёууёнды, уый куы амёла, уёддёр райгас уыдзён. Мёныл ёууёндёг кёцыфёнды цардёгас уд мыггагмё дёр нё амёлдзён” (Иоанн 11:25-26).

Кём ис уёдё рацёуён? Кём ис ёцёгдзинад? Цы у цард? Йесо нын дзуапп дётты: “Ёз дён фёндаг, ёцёгад ёмё цард. Мё Фыдмё ничи ёрцёудзён, Мё фёрцы куы не рцёуа, уёд ” (Иоанн 14:6).

Стонгдзинад, кёцыйы ды ёнкъарыс, уый удон стонгдзинад у ёмё йё ёрмёстдёр Йесойён йё бон у уый сёххёст кёна. Йесо иунёг-иу у, кёцыйён йё бон у талынджы срухс кёнын. Йесо у царды ёххёстгёнёг ауазён. Йесо у ёрдхорд ёмё фыййау, кёцы дё хъахъхъёндзён. Йесо у цёрёнбон – ацы дунейы ёмё уый фёстё. Йесо у фёндаг фервёзынырдём!

Аххосаг, цёмён стонг дё, аххосаг, цёмён дё талынджы сёфт, аххосаг, цёмён нё арыс царды мидис у уый, ёмё Хуыцаумё дард кёй лёууыс. Библи нын дзуры, цёмёй мах неппётдёр бафтыдыстём тёригъёды ёмё Хуыцауы намысёй ёнёхай стём (ромёгтём 3:23). Уыцы афтиддзинад, кёцыйы дё зёрдёйы ёнкъарыс, ёвзёры дё цады мидёг Хуыцауы ёнёуёвынадёй.

Мах уымён сфёлдыстой, цёмёй Хуыцауимё бастдзинад скёнём. Нё тёригъёдты тыххёй мах хибаргондёй лёууём ацы бастдзинадёй. Ноджы фыддёр, нё тёригъёд нё Хуыцауёй мыггагмё ёнёхай кёны. Ацы царды ёмё уый фёстёдёр (Ромёгтём 6:23; Иоанн 3:36).

Куыд алыг кёнём ацы проблемё? Йесо у фервёзыны фёндаг! Йесо нын нё тёригъёдтё йёхимё айста (Коринфёгтём (дыккаг) 5:21). Йесо мах сёраппонд амард (Ромёгтём 5:8) ёмё уый йёхимё айста, махён ёмбёлгё ёфхёрды. Ёртё боны фёстё, Йесо мёрдтёй райгас ёмё уымёй равдыста йё уёлахиздзинад тёригъёд ёмё мёлётыл (Ромёгтём 6:4-5). Цёмён бакодта уый афтё? Йесо йёхёдёг дзуапп радта ацы фарстён “Исчи йё цард йё хёлёртты сёраппонд куы радта, уёд уымёй стырдёр уарзондзинад нёй” (Иоанн 15:13).

Уымён ёмё Хуыцау афтё бауарзта дуне, ёмё радта Йё Иунёг Фырты, цёмёй Йыл чидёриддёр ёууёнды, уый ма фесёфа, фёлё йын уа мыггагмёйы цард (Иоанн 3:16).

Райстай ёви нё уынаффё Йесойы пайдайён ам цы бакастё уымё гёсгё? Кёд ёмё уый афтё у, уёд дё курёг дён ёркъёпп кён дёлдёр лёвёрд кънопкёйыл “Ёз абон Йесойы уырнынад райстон”.

English



Раздёхын гуырдзиаг ёвзаджы райдайён фарсыл

Цы у ирвёзён фёндаг?
© Copyright Got Questions Ministries