Фарст
цы у чырыстон?
Дзуапп
Чырыстоны бёрёггёнён Вебстеры дзырдуатмё гёсгё: “Адёймаг, кёцы йёхимё исы Йесо Чырыстийы кёнё йын ис уыцы дин, кёцы Йесойы ахуырады дарддёр кёны ”. Ацы фыст, хорз ёмбарынад дётты чырыстоны бамбарынён. Библимё гёсгё та йын ис бирё уёрёхдёр ёмбарынад, цы нысан кёны, уай Чырыстон.
Ног Фёдзёхсты дзырд “Чырыстон” ёртё хатты ёрцыд пайдагонд (Сыгъдёг апостолты хъуыддёгтё 11:26; 26:28; Сыгъ. Апостол Петры (фыццаг) 4:16). Йесо Чырыстийы фёдонты фыццаг хатт “Чырыстёттё” Антиохийы схуыдтой (Сыгъдёг апостолты хъуыддёгтё 11:26), уымён ёмё уыдон сё уагахастёй, архайдёй ёмё ныхасёй Чырыстийы халдих уыдысты. Фыццаг ацы ном хынджылёггёнаг Тикуны номёй пайдагонд цыд, цёмёй чырыстёттёй ахынджылёг кодтаиккой. Дзырдёй-дзырдмё уый нысан кёны “Чырыстийы къорды уёнгад” кёнё “ Апостол Чырыстийы фёдон” ёмё уый тынг ёнгёс у Вебстеры дзырдуаты ёмбарынадимё.
Хъыгагён, цасдёр рёстёджы фёстё дзырд “Чырыстон” фесёфта йё нысаниуёджы стырдёр хай ёмё арёхдёр пайдагонд цёуы уыцы гоймёгтырдём, кёцытё динонтё сты, ёмё сын ис бёрзонд моралон ёргъдзинёдтё, Йесо Чырыстийы фёдоны нысаниуёгёй. Бирё адёймёгтё, кёцыты нё уырны Чырысти, сёхи нымайынц чырыстоныл ёрмёстдёр уый тыххёй, ёмё, кёй цёуынц аргъуанмё кёнё “Чырыстон” адёмыхёттытимё кёй цёрынц. Фёлё аргъуанмё цёуын, мёгуыргуртён ёххуыс кёнын, кёнё хорз адёймаг уёвынад нё аразы дёуёй чырыстон. Иухатт иу Евангели загъта: “Аргъуанмё цёуын адёймаджы нё кёны чырыстон, афтё куыд гаражмё бацёуёг нё фестдзён автомобиль”. Аргъуаны уёнгдзинад, аргъауыныл уёвын ёмё хорз хъуыддёгтё кёнын нё не сфёлдисы чырыстонёй.
Библи нё ахуыр кёны, цёмёй хорз хъуыддёгтё кёнынёй, мах не свёййём Хуыцауён райсинаг. Тит 3:5 нын зёгъы: “Уёд нё фервёзын кодта, хорз хъуыддёгтё нём цыма уыди, уый фёрцы нё, фёлё Йё хорзёхмё гёсгё – ёхсад ёрцыдыстём ног цард дёттёг донёй ёмё Сыгъдёг Уды фёрцы систём ног адём”. Кёнё-та, чырыстон у адёймаг, кёцы ногёй райгуырд Хуыцауы фёрцы (Иоанн 3:3; Иоанн 3:7; Сыгъ. Апостол Петры (фыццаг) 1:23) ёмё Йесо Чырыстийы уырнынад исы. Эфесёгтём 2:8 нын зёгъы: “Хуыцауы хорзёх сымах фервёзын кодта уё уырнындзинады фёрцы. Уёхёдёг ницёмёй фесгуыхтыстут – уый уын Хуыцауы лёвар у”. Ёцёг чырыстон у уыцы гоймаг, кёцыдёриддёр ёрфёсмон кодта йё тёригъёд ёмё райста Йесо Чырыстийы уырнынад. Уыдонён сё уырнынад нёу ёрмёст дины фёдондзинад, кёнё моралон кодексы хъахъхъёнын, кёнё та фёндондзинёдты ёмё хъодыдзинёдты ранымайын.
Ёцёг чырыстон у уыцы гоймаг, кёцыдёриддёр райста Йесо Чырыстийы уырнынад ёмё уый дзуарылтыгъд факты райста куыд нё тёригъёдты ирвёзыны архайд ёмё нымадмё бахаста уымён йё райгас ёртыккаг бон, куыд фёуёлахиз мёлётыл ёмё мыггагмёйы цард радтын уыдонён, кёйдёриддёр уый уырны. Иоанн 1:12 нын зёгъы: “Фёлё Йыл чи баууёндыд, уыдонён радта Хуыцауы хъёбултё суёвыны бар”. Ёцёг чырыстон Хуыцауы Фырт у, Хуыцауы бинонты уёнг ёмё уый, кёмёндёриддёр лёвёрд ёрцыд ног цард Чырыстийё. Ёцёг чырыстоны иртасён миниуёг у иннётём уарзондзинад равдисын ёмё Хуыцауы ныхасмё хъусын (Сыгъ. Апостолы ёмё Иоанны ёргомады (фыццаг) 2:4; 2:10).
Райстай ёви нё уынаффё Йесойы пайдайён ам цы бакастё уымё гёсгё? Кёд ёмё уый афтё у, уёд дё курёг дён ёркъёпп кён дёлдёр лёвёрд кънопкёйыл “Ёз абон Йесойы уырнынад райстон”.
English
цы у чырыстон?